Ацы аз æфсæддон хæс æххæстгæнæн бынæтты географи фæуæрæхдæ
Дарддæр цæуы æфсадмæ сидыны уалдзыгон кампани. Цæгат Ирыстонæй Уæрæсейы æфсады рæнхъытæм хъуамæ æрвыст æрцæуа мин лæппуйæ фылдæр. Ацы аз æфсæддон хæс æххæстгæнæн бынæтты географи фæуæрæхдæр. Бæстондæр æфсадмæ сидыны кампанийы цыды тыххæй Сосранты Жаннæйы сюжеты.
Ахæм ардбахæрды кадджын мадзал царды вæййы æрмæстдæр иу хатт. Уыимæ æрмæстдæр, канд Уæрæсейы æфсады рæнхъытæ баххæст кæныны аккаг чи у, уыдонæн, зæгъы Мамиаты Владислав. Йе фсæддон хæс сæххæст кæнын æй бафæндыд хи барæй, æнæ хуынды гæххæтмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ.
Скъола чи фæци, стæй Уæлдæр ахуырады дипломтæ райсджытæ ам сты иу рæнхъы, стæй æмхуызон уавæрты. Афæдзы дæргъы сæм æнхъæлмæ кæсы æфсæддон царды уагæвæрдтæ. Даниил Белышев баххæст кæндзæн фидæны æфсады десантон службæ. Æрвыст цæуы Самарæмæ æфсæддон – уæлдæфон хайадмæ. Даниилы хъуыдымæ гæсгæ фыдыбæстæйы размæ йæ хæс хъуамæ сæххæст кæна алы нæлгоймаг дæр.
Æфсадмæ сидыны уалдзыгон кампани фæуыдзæн июлы астæу. Уæдмæ Цæгат Ирыстоны æфсæддон комиссарадты равзардзысты, службæ кæнынмæ æрвыст чи æрцæудзæн, ахæм мин лæппуйæ фылдæр.
Æфсадмæ сидыны уагæвæрдтæм ивддзинæдтæ хаст не рцыд. Сты раздæры хуызы. Сидынц 18 азæй 27 азы онг кæуыл цæуы, уыцы фæсивæдмæ. Се фсæддон хæс æххæст кæнын афæдзы дæргъы Бæстæйы алы рæтты. Цæгат Ирыстоны æфсадмæ сидыны къамисы куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй æфсады службæгæнджытæ сæрмагонд æфсæддон операци кæм цæуы, уырдæм æрвыст нæ цæудзысты.




