06 августа 2024, 12:07
Цæгат Ирыстоны дарддæр цæуы Алагиры хæххон хъæуты доныхызты рацарæзт
Куыстыæ цæуынц Цæгат Кавказы федералон зылды райрæзты паддзахадон программæйы фæрцы
Цæгат Ирыстоны дарддæр цæуы Алагиры хæххон хъæуты доныхызты рацарæзт. Куыстыæ цæуынц Цæгат Кавказы федералон зылды райрæзты паддзахадон программæйы фæрцы. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министрад куыд хъусын кæны, афтæмæй ныртæккæ Буроны æрæвæрдтой цыппар резервуары, алкæйы дæр цæуы 72 кубометры дон. Министрады куыд зæгъынц, афтæмæй егъау рацарæзты фæстæ Алагиры районы цæрджытæм æххæст бæрцæй хæццæ кæндзæн хæрзхъæд нуазыны дон.
темæмæ гæсгæ




