Знон республикæйы скъоладзаутæ лæвæрдтой æнæмæнг дæтгæ фæлварæнтæй иу – уырыссаг æвзагæй
Цæгат Ирыстоны дарддæр цæуы иумæйаг паддзахадон фæлварæн дæттыны сæйраг æмгъуыд. Знон республикæйы скъоладзаутæ лæвæрдтой æнæмæнг дæтгæ фæлварæнтæй иу – уырыссаг æвзагæй. Дзæуджыхъæуы 47-æм скъолайы сæ зонындзинæдтæ равдыстой 233 ахуырдзауы. Æдæппæтæй регионалон информацион системæйы хыгъды ис 3813 адæймаджы. Се хсæн куыд 11-æмкъласонтæ, афтæ ивгъуыд азты рауагъдонтæ дæр. Иумæйаг паддзахадон фæлварæн дæттынæн республикæйы сифтонг кодтой хатдзæгтæгæнæн аттестацийы 17 пункты. Æппæтæй парахатдæр рауагъдонты хсæн сты æхсæнадзонынад æмæ æрдзон-наукон предметтæ. Ацы азы рауагъдонтæй иумæйаг паддзахадон фæлварæн дæттынц 3509 адæймаджы. Æдæппæтæй та сты 3900 адæймагæй фылдæр.
