филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:23 четверг, 02 мая 2024
19 декабря 2023, 12:05
Цæгат Ирыстоны делегаци йæ сæргъы Сергей Меняйло, афтæмæй архайдта парти «Иугонд Уæрæсе»-йы съезды

Делегаттæ æрныхас кодтой æрмæст бæстæйы сæйраг политикон фракцийы сæйраг хæстыл нæ, фæлæ ма рахæцыдысты 2024-æм азы президенты æвзæрстыты Владимир Путины архайыны фарс дæр

Цæгат Ирыстоны делегаци йæ сæргъы Сергей Меняйло, афтæмæй архайдта парти «Иугонд Уæрæсе»-йы 21-æм съезды. Ацыди æппæтадæмон равдыст-форум «Россия»-йы фæзы. Делегаттæ æрныхас кодтой æрмæст бæстæйы сæйраг политикон фракцийы сæйраг хæстыл нæ, фæлæ ма рахæцыдысты 2024-æм азы президенты æвзæрстыты Владимир Путины архайыны фарс дæр. Ахæм хъæппæрисимæ раныхас кодта партийы сæрдар Дмитрий Медведев. Делегатты хъæлæс кæныны процедурæ ацыди гом фæткмæ гæсгæ. Пленарон æмбырды архайджыты раз раныхас кодта Владимир Путин. Йæ хъуыдытæ загъта, «Иугонд Уæрæсе» нырæй фæстæмæ дæр адæмы иудзинадыл, æмæ бæстæйы цæрджыты цардархайды фарстатыл иузæрдионæй кæй архайдзæн, уый тыххæй. Президенты ныхæстæм гæсгæ, бæстæйы бæллиццаг фидæныл æнæмæнг кусын хъæуы йæ цæрджытимæ иумæ. Партийы хъæппæристыл дзургæйæ, Сергей Меняйло зыгъта, тыхджын æмæ хæдбар Уæрæсе цы адæмы хъæуы, уыдон сæ фидæн уынынц æрмæстдæр ацы президенты цур:

«Ацы зын рæстæджыты, Ныгуылæн бæстæтæ Уæрæсе»-йы ныхмæ хæст куы райхæлдтой, уæд Владимир Путин ныфсхастæй хъахъхъæны бæстæйы, уыимæ нæ алкæйы бартæ дæр. Цæмæй нæ алкæмæн дæр уа æнæнизæй сабыр æмæ æдас бæстæйы цæрыны фадат. Мах æй зонæм, ныртæккæ нæ паддзахады разамындæн æнцон кæй нæу, уый, фæлæ йæ хъуамæ зона, ахæм рæстæг иунæг кæй нæу, уый дæр. Цæгат Ирыстон, куыд æппæт Уæрæсе дæр, ис Президенты фарсмæ. Иумæйагæй архайæм Уæрæсейы райрæзт æмæ хъомысыл».

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania