Цæуы 18 июнæй 21-æм июны онг конгресстæ аразæг равдыстадон центр «Экспофорум»-ы Санкт-Петербурджы
Цæгат Ирыстоны делегаци, йæ сæргъы Сергей Меняйлоимæ архайынц Петербурджы æппæтадæмон экономикон форумы. Цæуы 18 июнæй 21-æм июны онг конгресстæ аразæг равдыстадон центр «Экспофорум»-ы Санкт-Петербурджы. Форумы сæйраг темæ – «Иумæйаг хæзнатæ – дунейы бирæвæрсыг рæзты бындур». Уæлдай æргом здæхт цæуы экономикон хæдбардзинад фидар кæнынмæ, национ финансон системæты рæзтмæ, технологон фарстатæм æмæ санкциты ныхмæ мадзæлттæм. Цæгат Ирыстон форумы æмгуыстады бадзырдтæ бафыстой Чувашийы Республикæимæ стæй Ханты-Мансийскы автономон зылдимæ. Уымæй дарддæр æмгуыстады бадзырдтæ уыдзысты Уæрæсейы транспорты Министрадимæ, Фонд «Росконгресс»-имæ æмæ æндæр организацитимæ. Форумы куысты программæйы ма уыдзæн, дунейы æмæ уæрæсейаг экономикæимæ баст, 150 мадзалы. 600 спикеры æмæ модераторы. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Петербурджы æппæтадæмон экономикон форум у экономикæйы æмæ бизнесы къабазы егъаудæр цау. Арæзт фæцæуы 1997-æм азæй фæстæмæ. 2006-æм азæй та йæм бæстон цæстдард цæуы Уæрæсейы Президент Владимир Путины рдыгæй. Фараст азмæ форум сси дунейы ахсджиагдæр фæз. Бакусынц дзы нæ бæстæйы экономикон фарстатыл, æмæ дунейы базарадыл, æмтгæй райсгæйæ.
