филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:46 четверг, 02 мая 2024
27 сентября 2022, 11:05
Цæгат Ирыстоны депутаттæ равзæрстой вице-спикерты

Закъонадон оргæны сæрдары фыццаг хæдивæг сси Тхостаты Мурат

Уыд Цæгат Ирыстоны Парламенты радон сконды дыккаг æмбырд. Депутаттæ равзæрстой вице-спикерты. Закъонадон оргæны сæрдары фыццаг хæдивæг сси Тхостаты Мурат. Йæ кандидатурæйыл схъæлæс кодтой, æмбырды цы 60 депутаты уыд, уыдонæй 59. Вице-спикертæй равзæрстой: фракци «Иугонд Уæрæсе»-йæ Ортабайты Тимуры, Уæрæсейы Федерацийы коммунистты партийæ – Гутъынаты Аслæнбеджы, «Справделивая Россия – Патриоты – За Правду»-йæ Фадзайты Арсены. Æмбырды ма нысангонд æрцыдысты 8 парламентон комитеты æмæ 6 сæрдары. 2 комитеты разамонæджы кандидатурæтæм ма æркæсдзысты фракциты.

Остъаты Георгий, РЦИ-А Парламенты цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады æмæ арæзтадон политикæйы фарстаты фæдыл комитеты сæрдар: «Ацы комитет у адæмы æнæмæнг æххуыс кæм хъæуы, ахæм комитет. Архайдзыстæм æмбаладтимæ, цæмæй алцыдæр аразой. Кусдзыстæм администрацитимæ, министрадтимæ». + «хъарм, тæвд дон, уазал дон чи дæтты, уыдонимæ. Архайдзыстæм, цæмæй алцыдæр куса».

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania