филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:28 суббота, 31 января 2026
17 мая 2024, 12:04
Цæгат Ирыстоны депутаттæ сарæзтой Парламенты советы радон рацæугæ æмбырд

Ацы хатт бабæрæг кодтой Мæздæджы район

Цæгат Ирыстоны депутаттæ сарæзтой Парламенты советы радон рацæугæ æмбырд. Ацы хатт бабæрæг кодтой Мæздæджы район. Тускъаты Таймураз уыд хорыссæн куыстуаты, бæстæзонæн музейы, Мæздæджы 8-æм скъолайы æмæ йæ бындурыл цы «Точка роста» кусы, уым. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Мæздæджы районы хъæу Комаровойы ссады куыстгæнæг куыстуат Тускъаты Таймураз бабæрæг кодта Парламенты Советы рацæугæ æмбырды программæмæ гæсгæ. Ам ис нырыккон ифтонггæрзтæ. Балхæнын сæ бантыст паддзахадон программæйы фæрцы. Ныртæккæ иу мæймæ сцæттæ кæнынц ссад 2 мин тоннæйæ фылдæр. Куыстуаты директор Андрей Узлоенко куыд загъта, афтæмæй сæ гæнæнтæ фылдæр сты. Хорыссæн комплекс йæ продукци уæй кæны æрмæст республикæйы территорийы нæ, фæлæ фæсарæнтæм дæр.

Адæмы куысты бынæттæй æххæст кæнын, ног  куыстуæттæ гом кæнын. Ацы æмæ æндæр ахсджиаг фарстатыл Парламенты сæрдар æрныхас кодта хъæууон хæдзарады къабазы минæвæрттимæ. Фембæлды аграритæ лæвæрдтой фæрстытæ, радзырдтой, цы сæ тыхсын кæны, уый тыххæй. Тускъаты Таймураз фæнысан кодта къабазы кусджытæ районы райрæзтмæ цы æвæрæн хæссынц, уый, стæй сын саккаг кодта ведомствæйы хæрзиуджытæ.

Парламенты сæрдар ма бабæрæг кодта Мæздæджы бæстæзонæн музей. Ам ис, горæтæн бындур æвæрд куы æрцыд, уæды замантæй дæсгай экспонаттæ. Мигæнæнтæ, рагон хæцæнгæрзтæ, хæстонты портреттæ. Экспозици æдзух ног кæны. Тускъаты Таймураз аргъ скодта Мæздæджы 8-æм скъолайы бындурон цалцæгæн дæр. Ам 2 радæй ахуыр кæны мин сывæллонæй фылдæр. Ахуыргæнæндоны сног кодтой кълæстæ, хæрæндон, архайы дзы «Точка роста» дæр. Спикер аныхас кодта ахуыргæнджытимæ æмæ скъоладзаутимæ.

Парламенты Советы рацæугæ æмбырды æрныхас кодтой Мæздæджы районы национ программæтæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл. Уыдоны фæрцы бантыст бындуронæй сцалцæг кæнын ахуыргæнæндæттæ, культурæйы æмæ æнæниздзинадхъахъхъæнынады объекттæ. Тускъаты Таймуразы ныхæстæм гæсгæ, алы къабæзты дæр ис хорз æнтыстдзинæдтæ, фæлæ ахсджиаг у дарддæр ахадгæйæ кусын.

Парламенты советы рацæугæ æмбырды архайджыты хъуыдымæ гæсгæ, ахæм хуызы куыст хорз зыны районты райрæзтыл. Æмæ æххуыс кæны фарстатæ бынæтты  лыг кæныны хъуыддаджы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania