филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:39 воскресенье, 01 февраля 2026
13 июля 2023, 11:55
Цæгат Ирыстоны дыккаг бон цæуы 2-æм медиафорум «PRO Кавказ»

Ацы аз форумы темæ у «Медиапоток: факты и фейки»

Цæгат Ирыстоны дыккаг бон цæуы 2-æм медиафорум «PRO Кавказ». Ацы аз форумы темæ у «Медиапоток: факты и фейки». Æппæтадæмон форумы фæз сæмбырд кодта журналистты, блогерты, пиар-менеджерты æмæ пресс-секретарьты. Æдæппæтæй 500 адæймагæй фылдæр. Программæмæ хаст æрцыдысты  ахуырадон тректæ, фембæлдтытæ, дискусситæ. Спикерты хсæн ма сты зындгонд журналисттæ, амонджытæ, медиакъабазы эксперттæ Александр Смол, Иван Сухов, Николай Яковлев. Уымæй дарддæр зындгонд политологтæ. Форумы архайджыты раз раныхас кодта Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Дзанайты Барис. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, ахæм мадзæлттæн ис стыр ахадындзинад. Медиафорумы архайджытæн арфæйы ныхæстæ загъта нæ республикæйы журналистты Цæдисы сæрдар,  ПТРК- «Аланийы» директор Хъуысаты Тимур. Куыд загъта, афтæмæй ахæм егъау фембæлдтытæ сты адæмы иугæнæг. Фыццаг уазджытæй иу уыд уæрæсейаг паддзахадон архайæг, амонæг æмæ журналист Евгений Попов. Дзуæппытæ радта форумы архайджыты фæрстытæн. Фæстæдæр форумы фæлгæты арæзт æрцыд пленарон æмбырд. Архайдта дзы цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ ацы аз арæзт æрцыд конкурс. Архайыны фадат дзы уыдис Цæгат Кавказы Федералон зылды æппæт регионтæй æмæ Хуссар Ирыстонæй журналисттæн. Конкурс цæуы 10 номинацимæ гæсгæ. Уæлахиздзаутæн кад кæндзысты абон изæрæй, форум сæхгæныны мадзалы. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, медиафорум арæзт цæуы Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйлойы хъæппæрисæй. «PRO Кавказ» у регионты хсæн нырыккон ахуырадон фæз журналисттæн, блогертæн æмæ PR-специалисттæн. Йæ сæйраг нысан – медиатыгъдад нырыккон нымæцон хуызтæм раивын, æмæ аудитори парахат кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania