филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:00 суббота, 31 января 2026
08 февраля 2022, 12:26
Цæгат Ирыстоны дыууæ къуыримæ короновирусæй рынчынты нымæц хистæр кары адæмы хсæн дыууæ хатты фæфылдæр

Сывæллæтты хсæн та низ парахат кæнын райдыдта къаддæр

Цæгат Ирыстоны дыууæ къуыримæ короновирусæй рынчынты нымæц хистæр кары адæмы хсæн дыууæ хатты фæфылдæр. Сывæллæтты хсæн та низ парахат кæнын райдыдта къаддæр. Уый тыххæй ныхас цыд аппаратон æмбырды. Уыимæ ма æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрад бафиппайдта, фæстаг цалдæр боны дохтыртæм хæдзармæ къаддæр кæй дзурынц, уый. Фæлæ уæддæр Сергей Меняйло бадомдта уавæрмæ бæстон кæсын. Уымæй дарддæр регионы разамонæг финансты министрадæн бабар кодта цæст дарын, бюджетон кусджыты мызд цæмæй афойнадыл фыст цæуа, уымæ.  Ног азæй нырмæ мызд фидыны куыст фæкъуылымпы дыууæ хатты. Хицæн фарста  республикæйы сæргълæууæгмæ фæзынд туаггуыры заводы арæзтады тыххæй. Инвестицион проекты тыххæй бæлвырд радзырдта промышленносты æмæ инвестициты министр Мæрзойты Владимир.

Æмбырды ма бафиппайдтой,  Паддзахадон ансамбль «Алан»-æн сценикон уæлæдарæс бахуыйынæн 14 милуан сомы кæй рахай кодтой, уый. Коллектив йæхи цæтæ кæнын дыууæ концерты раттынмæ Мурманскы облæсты. Уыимæ дæлдон нау «Владикавказ»-ы экипажæн дæр. Ахуырады Министрадæй куыд хъусын кæнынц, афтæмæй 21 февралы цæттæ кæнынц Слестгæнæн Комитеты кадетон кълæстæ байгом кæнынмæ Дзæуджыхъæуы æмæ Алагиры. Хицæн темæ уыд территорты авидзинады куыст. Контракт бафыссыны хъуыддаг фæстиат кæны Дзæуджыхъæуы администрацийы. Сергей Меняйло загъта, 15-æм мартъимæ муниципалитет уый куы нæ сæххæст кæна, уæд фæрæзтæ адих кæндзысты республикæйы районтыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania