филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:20 суббота, 28 сентября 2024
27 октября 2020, 13:56
Цæгат Ирыстоны экологон сыгъдæгдзинад фæхуыздæр кæнынæн, республикæйы расидтысты талатæ ныссадзыны акци

Заз æмæ нæзы 100 бæласы ныссагътой зæрдæхæлар, æмæ æрдз чи уарзы, ахæм адæм

Цæгат Ирыстоны экологон сыгъдæгдзинад фæхуыздæр кæнынæн, республикæйы расидтысты талатæ ныссадзыны акци. Заз æмæ нæзы 100 бæласы ныссагътой зæрдæхæлар, æмæ æрдз чи уарзы, ахæм адæм. Уыдысты алы къабæзты кусæг æмæ алыхуызон дæсныйæдтыл хæст. Се хсæн Уæрæсейы скъоладзауты змæлды активисттæ хотæ Эмилия æмæ Мария. Уыдонмæ бæлæстæ садзыны фæлтæрддзинад ис. Зонынц æй, куыд растдæр архайын хъæуы, цæмæй зайæгой пайда хæсса, уый. Уæвгæ, та бæлас ныссадзыны фадат уыдис алкæмæн дæр. Акци саразыны хъæппæрис разынд Хъуыссæты Мæирбегмæ. Йæ фæрцы Сапицкийы фæлладуадзæн бынат рагæй райдыдта хуыздæрырдæм ивын. Ног талатæй дарддæр ма ам фæзынди спортивон фæз. Рæхджы та ма сæм бафтдзысты футболæй хъазæн фæз æмæ нырыккон рухсгæнæнтæ. 19-æм æнусы кæрон чи фæзынд, уыцы фæлладуадзæн зонæ ныр дæр у горæты цæрджыты уарзондæр бынат. Фæлæ азты цыдимæ æдзæллаг уавæрмæ цæуын райдыдта. Мæирбеджы хъуыдымæ гæсгæ та йæ хъæуы бахъахъхъæнын, цæмæй рæвдауа ныртæккæйы æмæ фидæны фæлтæрты цæст.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania