Уый тыххæй фехъусын кодтой аппаратон æмбырды
Цæгат Ирыстоны эпидемиологон къæпхæн ис рæстæмбисæй гыццыл уæлдæр æмвæзадыл. Уый тыххæй фехъусын кодтой аппаратон æмбырды. Рынчынты фылдæр хай – сывæллæттæ. Дыууæ скъолайы æмæ иу кълас сты карантины. Уымæй уæлдай, регистрацигонд æрцыди коронавирусæй 8 рынчыны. Уый ивгъуыд къуыриимæ абаргæйæ у 3 хатты фылдæр. Аппаратон æмбырды ныхас цыди «Уæллаг Ларс»- ы уавæрыл дæр. Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло вице-премьер Томайты Ирбегæн бахæс кодта, барадхъахъхъæнæг оргæнтимæ иумæ бакусын, фæндаггон æрлæууæнты фарстайыл. Æмбырд дзы кæны транзитон транспорт æмæ йæ алыварс санитарон уавæртæ сæ хæрзтæй не сты. Уымæй уæлдай, æмбырды архайджытæ се ргом аздæхтой æхсæнадон транспорты хъуыддагмæ. Алагир-Дзæуджыхъæуы автобустæ фæткмæ гæсгæ нæ цæуынц, фæлæ куы байдзаг вæййынц, уæд. Сергей Меняйло дзуапдæттæг ведомствæтæй бадомдта уавæр сраст кæнын. Æрдзырдтой Уæлахизы 80 азыл дæр. Муниципалитетты рагагъоммæ хъæуы цæттæгæнæн мадзæлттæм бавналын, цæмæй бæрæгбон ацæуа æмбæлгæ æмвæзадыл.




