филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:13 суббота, 28 сентября 2024
11 декабря 2020, 12:32
Цæгат Ирыстоны фæбæрзонддæр сты хойраджы æргътæ

Ног азы агъоммæ зынгæ фæзынаргъдæр вæййынц хойрæгтæ

Ног азы бæрæгбонмæ бирæ рæстæг нал баззад. Уымæ гæсгæ йæм республикæйы цæрджытæ райдыдтой сæхи рагацау цæттæ кæнын. Æлхæнынц заз бæлæстæ, æвзарынц лæвæрттæ æмæ бæрæгбоны фынгыл цы сæвæрдзысты, ахæм хойрæгтæ. Се ппæтæн дæр уый æхсызгон куыст у, фæлæ къуылымпы кæны æрмæстдæр æргъты фарста. Ног азы агъоммæ зынгæ фæзынаргъдæр вæййынц хойрæгтæ. Куыд у уавæр ацы аз та, уый тыххæй радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Уарзон киноныв экрантæм куы рацыд, уæдæй фæстæмæ рацыд дæсгай азтæ. Фæлæ дзы цы темæ систой, уый ныр дæр актуалон у. Бæрæгбоны фынгмæ дыргътæ лхæнын нырма раджы у, фæлæ ныр дæр зынгæ фæзынаргъдæр сты. Уæйгæнджытæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй ма æргътæ сырæздзысты.

Фæлхасгæнджытæ уый фæдыл цы зæгъынц, уый базонын нын нæ бантыст. Базар Викалинæйы ацы хатт бирæ адæм нæй, уымæн æмæ фæлладуадзæн бон нæу. 20 азы чи фæкуыста, ахæм уæйгæнæг Мæргъиты Венерæ куыд зæгъы, афтæмæй адæм ныртæккæ базартæм нæ тагъд кæнынц, уымæн æмæ бирæтæм ахæм æфтиаг нал хауы. Пандемияйы рæстæг æгуыстæй дзæвгар адæм баззад.

Цæмæй товарæй исты ауæй уа, уый тыххæй йæ аргъмæ бирæ фтауын нæ хъæуы, зæгъы уæйгæнæг Мæргъиты Венерæ.

Раздæры аргъ нæ баззайдзæн дзидзайæн дæр, зыгъынц базары. Дзидзайы продукцийы аргъ ныр дæр рæзы.

Афæдзмæ зынгæ сырæзт æйчыты аргъ дæр. Уый æнхъæл ничи уыд, фæлæ ныр дæр йæ кæройнаг аргъ нæу. Чъиритæ æмæ адджинæгтæ кæнынмæ чи хъавы ног азы бæрæгбонмæ, уыдоны дæр хъæуы батагъд кæнын.

Нина Иванова та базартæм арæх нæ фæцæуы, хойраджы продукттæ æлхæнын уарзы супермаркетты. Уымæн æмæ æргътæ сты æмхуызон, хæдзармæ йын у хæстæг, стæй ма йæ уазалы уæвын дæр нæ хъæуы. Фæлæ æргътæ дарддæр куы рæзой, уæд дуканитæм дæр афтæ арæх нал цæудзæн, зæгъы пенсиисæг.

Иуты хъуыдымæ гæсгæ, продуктты æргътæ афæдзы кæрон кæй сырæзынц, уый баст у цæрæнуæтты-коммуналон лæггæдты тарифтæ дæр кæй фæуæлдæр вæййынц, уыимæ. Иннæтæ та аххосджын кæнынц куыстуæтты хицæутты. Æнæмæнг у иу хъуыддаг – рæстæмбис æлхæнæджы бæрæгбоны агъоммæ хъæудзæн йæ хæрдзтæм лæмбынæгдæр æркæсын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania