Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодтой фæлхасадмæ цæстдарды управленийы специалисттæ
Цæгат Ирыстоны фæкъаддæр коронавирусæй æмæ гриппæй рынчынты нымæц. Республикæй эпидемиологон уавæр зæрдæхсаинаг нæу. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодтой фæлхасадмæ цæстдарды управленийы специалисттæ. Ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ куыд загъта, афтæмæй карантины æхгæд сты 4 хицæн къласы æмæ 1 рæвдауæндон. Æмбырды ма æрныхас кодтой зынгсирвæзтытæй бахъахъхъæныны фарстатыл дæр. Афæдзы райдианæй нырмæ æдæппæтæй хыгъд æрцыдис 284 зынгсирвæзты. Æнæнхъæлæджы цауты министрады минæвæрттæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй уый фаронимæ абаргæйæ у 61% фылдæр. Сбæлвырд кодтой Хъобаны зынгсирвæзты аххосæгтæ дæр. Ацы бонты дзы хъыгдард баййæфтой цæрæн хæдзæрттæ æмæ цалдæр хæдзарады. Куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй аххосаг уыди телтæ кæрæдзиуыл кæй андзæвыдысты, уый. Сергей Меняйло æмбырды уæвджытæн бахæс кодта, æфсæддон мемориалты уавæрмæ цæст æрдарын. Районты сæргълæуджытæй бадомдта, цæмæй 9-æм маймæ цыртдзæвæнтæм базилой, уый.




