филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:48 воскресенье, 01 февраля 2026
07 июня 2023, 12:25
Цæгат Ирыстоны фæндæгты къабазы райрæзтыл Дзанайты Барис æрныхас кодта профилон министртимæ

Премьер бабар кодта, æппæт куыстытæ афоныл æмæ хæрзхъæд сæххæст кæнын.

Цæгат Ирыстоны фæндæгты къабазы райрæзтыл Хицауады сæрдар Дзанайты Барис æрныхас кодта профилон министртимæ, ведомствæты разамонджытимæ æмæ районты сæргълæуджытимæ. Ацы аз фæнд кæнынц, Мичуринæй иувæрсты цæуæг фæндаг «Дзæуджыхъæу – Æрыдон – Цыкола – Лескен»-ы, Дæллаг Зæрæмæгæй рекреацион комплекс «Мамысон»-ы трассæйы, стæй Цыколайæ иуварсдзæуæн фæндаг «Дзæуджыхъæу – Æрыдон – Цыкола – Лескен II»-йы арæзтад. Фæнд кæнынц, фæндаг «Транскам» – Уæллаг Зджыд – Мацутæйы æмæ «Попов Хутормæ бацæуæн»-ы реконструкци. Ацы аз ма рацараздзысты 6 хиды. 5 объекты ратдзысты эксплуатацийы. Муниципалитеттæн республикон бюджетæй радих кæндзысты субсидитæ. Уыдоны хардзæй базилдзысты Дзæуджыхъæуы æмæ республикæйы районты фæндаггон хызы 69 хаймæ. Премьер бабар кодта, æппæт куыстытæ афоныл æмæ хæрзхъæд сæххæст кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania