филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:56 воскресенье, 06 октября 2024
02 октября 2024, 10:46
Цæгат Ирыстоны фæндаггон инфраструктурæйы объектты куыстытыл ныхас цыди, Дзанайты Барисы разамындæй цы æмбырд ацыди, уым

2024-æм азы 62 объекты рацаразынæн паддзахадон программæтæ æмæ национ проектты фæлгæты дихгонд æрцыди 4 миллиарды æмæ 8 сæдæ милуан сомы

Цæгат Ирыстоны фæндаггон инфраструктурæйы объектты куыстытыл ныхас цыди, хицауады сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй цы æмбырд ацыди, уым. 2024-æм азы 62 объекты рацаразынæн паддзахадон программæтæ æмæ национ проектты фæлгæты дихгонд æрцыди 4 миллиарды æмæ 8 сæдæ милуан сомы. 59 фæндаджы та ма хъуамæ арæзт æмæ цалцæггонд æрцæуой  муниципалон программæйы æххуысæй. Уыдонæн та радих кæндзысты 470 милуан сомы. Дарддæр арæзт цæуы «Дæллаг Зæрæмæгæй»  «Мамысон»-ы онг фæндаг. Уый фадат ратдзæн фидæны туристон комплексмæ  æдас æмæ æнцонвадат бацæуæнтæ скæнынæн. Æнæрлæугæйæ цæуы «Цыкола-Мацутæ-Комы-Арт»-ы фæндагыл тоннелы рацарæзт дæр. Машинæтæн дзы уыдзæни фæндаджы дыууæ фарсы, нырыккон рухсгæнæн системæ, видеоцæстдард, стæй хъахъхъæнджыты пункт. Газы хæтæл æндæр ранмæ ахæссыны куыстыты фæстæ байгом уыдзæни Мичуринмæ цæуæг иувæрсты фæндаг дæр. Уый фадат ратдзæн, цæмæй  транзитон транспорт хъæумæ ма цæуа. Регионы фæндаггон хызы рацарæзтмæ йæ цæст дары республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Йæ домæн – хæрзхъæд æмæ æдас фæндæгтæ скæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania