филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:09 воскресенье, 01 февраля 2026
02 декабря 2021, 11:46
Цæгат Ирыстоны, фаронимæ абаргæйæ, 3,8% сырæзт фæндаггон фыдбылызты нымæц

Уый тыххæй фæндаггон æдасдзинад сæххæст кæныны хицауады къамисы æмбырды фехъусын кодта вице-премьер Томайты Ирбег

Цæгат Ирыстоны, фаронимæ абаргæйæ, 3,8% сырæзт фæндаггон фыдбылызты нымæц. Уый тыххæй фæндаггон æдасдзинад сæххæст кæныны хицауады къамисы æмбырды фехъусын кодта вице-премьер Томайты Ирбег. Йæ ныхæстæм гæсгæ фæндаггон фыдбылызтимæ уавæр раздæрау у зæрдæхсаинаг. Æрмæст ацы азы 10 мæйы дæргъы æрцыдис 605 фыдбылызы. Уым фæмард ис 69 адæймаджы, 852-йæ та цæфтæ фесты. Уыцы-иу рæстæг фæкъаддæр ис, æвæстиат медицинон æххуыс цы рæстæгмæ бакæнынц, уый æмгъуыд. Зæрдæхсаинаг у сывæллæтты фæндаггон травматизмимæ уавæр. Дæс мæйы дæргъы республикæйы фæндæгтыл сабитимæ æрцыд 52 фыдбылызы. Фæмард дзы сты дыууæ сывæллоны, æхсайæ та цæфтæ фесты.

Транспорт æмæ фæндаггон инфраструктурæйы комитеты сæргълæууæг Солиты Тариель радзырдта, республикæйы фæндæгтæ зымæгмæ куыд цæттæ сты, уый тыххæй. Куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй регионалон æмæ муниципалон фæндæгты уавæрмæ цæст дарынц фараст подрядон куыстуаты. Уыдонмæ ис æппæт фæрæзтæ, цæмæй зымæг æдыхстæй арвитой, уый тыххæй. Æмбырды дзырдтой, Дзæуджыхъæуы парковкæйы бынæттæ кæй нæ фаг кæны, уый тыххæй дæр. Машинæтæн æрлæууæн бынæттæ сараздзысты Барбашовы, Щорсы, Леваневскийы, Гагарины, Куйбышевы уынгты æмæ Къостайы проспекты. Æдæппæтæй фæзындзæнис 900 бынаты парковкæйæн. Томайты Ирбег куыд загъта, афтæмæй азæй азмæ горæты фæндæгтыл рæзы машинæты нымæц. Шофыртæ сæ транспортон фæрæзтæ кæм не мбæлы, ахæм бынæтты кæй лæууын кæнынц, уый хатгай къуылымпыдзинад сæвзæрын кæны æнæнхъæлæджы службæты машинæтæн. Уыцы фарста алыг кæнид уæлæмхасæн парковкæты арæзтад. Вице-премьер горæты æмæ районы хицауадæн бафæдзæхста, цæмæй райдайой лыг кæнын, æмбырды цы фарстатæ фæбæрæг кодтой, уыдон. Уыимæ бафиппайдта, бирæуæладзыгон парковкæты арæзтады фæрцы республикæйы бюджетмæ æфтиаг кæй сырæздзæнис, уый дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania