филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:46 воскресенье, 01 февраля 2026
16 марта 2022, 15:01
Цæгат Ирыстоны федералон программæйы фæлгæты 5 азы æмгъуыдмæ бындуронæй цалцæггонд æрцæудзысты скъолаты 70%

Уый тыххæй фехъусын кодтой, центрон æвзарæн къамисы разамонæджы, парти «Иугонд Уæрæсе»-йы генералон советы секретары хæдивæг Александр Сидякины разамындæй цы æмбырд ацыди, уым

Цæгат Ирыстоны федералон программæйы фæлгæты 5 азы æмгъуыдмæ бындуронæй цалцæггонд æрцæудзысты скъолаты 70%. Уый тыххæй фехъусын кодтой, центрон æвзарæн къамисы разамонæджы, парти «Иугонд Уæрæсе»-йы генералон советы секретары хæдивæг Александр Сидякины разамындæй цы æмбырд ацыди, уым. Архайдта дзы республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло дæр. Ацы аз райдайдзæн 44 скъолайы цалцæг. Фæрæзтæ йын дихгонд æрцæудзæн федералон бюджетæй. Республикæ та йæхимæ исы ахуыргæнæндон ифтонг кæныны хæс. Куыстыты æппæт къæпхæнтæм сæ цæст дардзысты сæрмагонд къордтæ. Æхцайы хардзмæ бæстон цæстдард цæудзæн парти «Иугонд Уæрæсе»-йы депутатты рдыгæй. Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй сæвзæрд уавæр нæ хынцгæйæ, æппæт партион проекттæ хъуамæ æххæстгонд цæуой æмбæлгæ фæткмæ гæсгæ. Уæ зæрдыл уын æй лæууын кæнæм, ивгъуыд азы, июны «Иугонд Уæрæсе»-йы съезды Владимир Путин бахæс кодта, хæстæгдæр 5 азæн  æмбæлгæ программæ бацæттæ кæнын. Ног объектты арæзтад æмæ зæронд бæстыхæйтты цалцæг сфидар кодтой партийы адæмон программæйы. «Иугонд Уæрæсе»-йы фæндонмæ гæсгæ, скъолаты бындурон цалцæджы программæ скодтой комплексон, афтæмæй йæм хаст æрцыди, æрмæст бæстыхæйтты цалцæг нæ, фæлæ сæ ифтонг кæнын дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania