филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:47 воскресенье, 01 февраля 2026
09 февраля 2021, 13:32
Цæгат Ирыстоны федералон программæты æмæ национ проектты фæрцы алы къабæзты цæуынц хуыздæрырдæм ивддзинæдт

Фæбæрæг сты Æрæфы районыл дæр

Аивадмæ уарзондзинады бындур фылдæр хатт æвæрд æрцæуы, сывæллон кæм хъомыл кæны, уыцы ран. Уымæн та, кæй зæгъын æй хъæуы, хъуамæ уой æмбæлгæ уавæртæ. Фæстаг рæстæг Цæгат Ирыстоны федералон программæты æмæ национ проектты фæрцы алы къабæзты цæуынц хуыздæрырдæм ивддзинæдтæ. Фæбæрæг сты Æрæфы районыл дæр. Дæнцæгæн æрхæсдзыстæм Хæзныдоны культурæйы хæдзар. Æнусы рдæгæй йыл фылдæр цæуы, æмæ дзы ныр райдыдтой бындурон цалцæггæнæн куыстытæ кæнын. Федта сæ Сосранты Жаннæ, æмæ йын бакæсæм йæ сюжетмæ.

Рагæй кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы хъуыддаг. Хæзныдоны цæрджытæ цин кæнынц хъæуы культурæйы хæдзар цалцæг кæнын кæй райдæй, ууыл. Ацы бынат уарзон у бирæ фæлтæртæн. Арæзт æрцыд 1968-ам азы. Уæд дзы цы къордтæ байгом, уыдоны архайдтой куыд кæстæр фæлтæр, афтæ хистæртæ дæр. Ныр цæрджытæ æрхæндæг кæнынц, уыцы рæстæгыл, æмæ сæ зæрдæ дарынц цалцæджы фæстæ сæ уавæртæ æмæ гæнæнтæ кæй фæфылдæр уыдзысты.
Федералон программæты фæрцы Ирыстоны цы хорздзинæдтæ æмæ ногдзинæдтæ конд цæуы,уыдон æнæмæнг пайдайаг уыдзысты фидæны фæлтæртæн. Афтæ Хæзныдоны культурæйы хæдзары цалцæгмæ дæр æнхъæлмæ кæсынц зæрдиагæй. У хъæуы астæу, æмæ æрмæст йе ддаг бакастæй дæр адæймаджы зæрдæ мæгуыр кодта. Уæдæ ма зæгъын хъæуы уый, æмæ Хæзныдонæй рацæуæг амалхъом адæмы фæрцы ныронг уыд кусынхъом. Иу хаттæй иннæмæ йæ иу бацалцæг кодтой, цæмæй дзы архайæн уыдаид, уымæй. Фæлæ дзы стыр мадзæлттæ аразынæн та фадæттæ рагæй дæр нал уыд.
Хъæуы цæрджытæй уырнгæ дæр нæ кæны Ирыстоны гыццыл, фæлæ йæ куырыхон цæрджытæй Хæзныдоныл искуы æруайдзæн федералон æххуыс, уый. Фæлæ куыд уынæм, афтæмæй зæрдæвæрдтытæ царды сæ бынат арынц. Æмæ ма нæ бауырндзæн уый дæр, æмæ культурæйы хæдзары директор Таматы Фатимæ цы хъуыддæгты кой кæны, уыдон дæр лыггонд кæй æрцæудзысты, æмæ йæ хъуыдытæ æмæ фæндтæ адæмы царды æнцондзинадæн пайдайаг кæй уыдзысты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania