Цыколайы 2-æм скъолайы коллективæй ныр дæр нæма уырны, бындурон цалцæггонд бæстыхайы кæй кусынц æмæ сыл зымæджы сæ рудзгуытæй дымгæ кæй нал кæндзæн, сæ бацæуæнтыл та сывæллæттæ сæ къах кæй нал къуырдзысты, уый
Фæстаг рæстæг Цæгат Ирыстоны цæрджытæ сæхиуыл æнкъарынц рæстæджы цыды хорздзинæдтæ. Федералон программæты фæрцы арæзт цæуы бирæ ног, социалон ахадындзинад кæмæн ис, ахæм арæзтæдтæ. Цыколайы 2-æм скъолайы коллективæй ныр дæр нæма уырны, бындурон цалцæггонд бæстыхайы кæй кусынц æмæ сыл зымæджы сæ рудзгуытæй дымгæ кæй нал кæндзæн, сæ бацæуæнтыл та сывæллæттæ сæ къах кæй нал къуырдзысты, уый.
Йæ бакастæй дæр зæрдæ райы. Цыколайы дыккæгæм скъола æнусы рдæгмæ хæстæг цалцæггонд никуы уыд. Ныр бындурон цалцæджы фæстæ байгом кодта йæ дуæрттæ æхуырдзаутæн. Уыцы хъуыддагимæ баст мадзалы архайдта бирæ кадджын адæм. Республикæйы Хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз йæ раныхасы куыд загъта, афтæмæй ныртæккæ Хицауад стыр хæстæ æвæры сæ размæ ахуырады къабазы хорздзинæдтæ саразыны тыххæй. Æмæ ацы скъолайы бирæ азты æнтыстджын куыст æнæ фæбæрæг кæнæн нæ уыд. Бантыст сын йæ цалцæгыл бакусын.
Скъолайæн ивд æрцыдысты йæ сæр, йæ рудзгутæ, пъолтæ, асинтæ, инженерон коммуникацитæ, æмбæлы зæгъын къултæй уæлдай дзы йæ раздæрыккон хъуыддæгтæй кæй ницы уал ис. Цалцæггæнæн куыстытæм лæмбынæг алы æмвæзады хицауад йæ цæст дардта æмæ, конд цыдысты хæрзхъæд.
Скъолайы фæзуатыл æрзилгæйæ, зæрдæйæн æхцондзинад хæссы йæ комулæфт. Аив æмæ нырыккон æрмæджытæй æххæст скъола цæст рæвдауы. Æмæ йыл цин кæнынц йæ ахуырдзаутæ дæр. Æмбарынц æй, ахæм фадæтты ахуыр кæныны гæнæн алы сывæллонæн кæй нæй, уый.
Уæдæ канд сæ цалцæгыл нæ цин кæнынцæ Цыколайы дыккаг скъолайы, фæлæ сæ ног хъуыддæгтыл. Фæзынд сын дзы нымæцон ахуырадон центр «Точка Роста»-йы кабинет. Уый æххæст у скъоладзаутæн цымыдиссаг фæрæзтæй. Скъолайы директоры хæдивæг Тауаситы Фатимæйы ныхæстæм гæсгæ, æнæуый дæр ныртæккæ се скъолайы ахуырдзаутæ ахуыр кæнынц нырыккон программæтыл.
Æрæфы районы Цыколайы дыккæгæм скъола хъæздыг у йæ историйæ. Алкæддæр нымад уыд хуыздæртæй иуыл. Æнусы æрдæгмæ дзы, районы æмвæзады бирæ алыхуызон мадзæлттæ арæзт æрцыд. Ныр йæ директор æмæ йæ коллективæй уырны, дарддæр та, сæ фылдæр гæнæнты фæрцы, сæ ахуырдзауты зонындзинæдтæ ноджы бæрзонддæр æмвæзадыл кæй уыдзысты, уый.




