филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:29 суббота, 31 января 2026
02 декабря 2022, 11:38
Цæгат Ирыстоны фидар кæнынц бизнесы ацы къабæзтæн æххуысы мадзæлттæ

Уый тыххæй экономикон рæзты оперативон штабы æмбырды фехъусын кодта профилон министр Кучиты Зауыр

IT-къабаз, базарадон æмæ дзулфыцæн куыстуæттæн сæ бон у хъалонтæй льготæтæ исын. Цæгат Ирыстоны фидар кæнынц бизнесы ацы къабæзтæн æххуысы мадзæлттæ. Уый тыххæй экономикон рæзты оперативон штабы æмбырды фехъусын кодта профилон министр Кучиты Зауыр. Ведомствойы хъæппæрисмæ гæсгæ республикæйы парламенты æркастысты, æмæ фыццаг бакасты сфидар кодтой дыууæ закъоны проекты. Уыдонмæ гæсгæ республикон закъонтæм бахæсдзысты ивддзинæдтæ. Æмбырды ма  æркастысты Цæгат Ирыстоны хъæууон хæдзарады рæзты фарстатæм. Профилон ведомствойы разамонæг Къусраты Алан куыд фехъусын кодта, афтæмæй нæ республикæйы æнтыстджынæй æххæстгонд цæуынц дыууæ паддзахадон программæйы. Афтæ хъæууон хæдзарады рæзтæн ацы аз радих кодтой 1 миллиард сомы. Уыимæ уæлæмхасæн фæрæзтæ радих кодта федералон министрад. Сæрмагондæй рапс, сойæ æмæ хоры культурæтæ куыстгæнджытæн. 173 милуан сомы та федералон Хицауад радих кæндзæн республикæйы хъæууон хæдзарады куыстгæнджытæн, хор æмæ зети чи кæны, уыдонæн. Премьер Дзанайты Барис профилон министрадæн бабар кодта цыбыр æмгъуыдмæ фæрæзтæ аграрон кусджытæм фæхæццæ кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania