09 августа 2019, 17:05
Цæгат Ирыстоны фыццаг хатт фæзынд санитарон авиацийы вертолет
Ацы уæлдæфон транспортæй пайда кæндзысты зынвадат рæттæй рынчыны раласынæн æмæ фæндаггон фыдбылызы рæстæг.
Цæгат Ирыстоны фыццаг хатт фæзынд санитарон авиацийы вертолет.
Ацы уæлдæфон транспортæй пайда кæндзысты зынвадат рæттæй рынчыны раласынæн æмæ фæндаггон фыдбылызы рæстæг. Æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрады пресс-службæйы куыд загътой, афтæмæй дзы ныронг спайда кодтой. Гуырдзыйæ Уæрæсейырдæм фæндагыл, арæнтæм хæстæг ран фæндаггон фыдбылызы бахаудысты бинонтæ Пермæй. Мад æмæ йæ дыууæ сывæллоны вертолеты фæрцы афойнадыл бахæццæ кодтой республикон æмæ сывæллæтты рынчындæттæм. Абон та саст синтимæ Мæздæгæй сластой ацæргæ сылгоймаджы. Вертолет самал кодтой национ проекты фæрцы.




