филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:41 воскресенье, 14 декабря 2025
18 октября 2025, 09:45
Цæгат Ирыстоны фыццаг хатт райдыдта Уæрæсейы чемпионат бæхтыл 3 хуызы ерыстæй

Республикæмæ ссыдысты 40 спортсмены онг нæ бæстæйы алы регионтæй

Цæгат Ирыстоны фыццаг хатт райдыдта Уæрæсейы чемпионат бæхтыл 3 хуызы ерыстæй. Республикæмæ ссыдысты 40 спортсмены онг нæ бæстæйы алы регионтæй. Ерысгæнджыты географи у тынг парахат. Сæ хъарутæ æвзарынц Мæскуыйы æмæ Мæскуыйы облæсты иугонд командæтæ. Уымæй дарддæр – Красноярскы, Краснодары крайы, Калугæйы, Орелы æмæ Смоленскы облæстты, стæй, кæй зæгъын æй хъæуы, Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ. Чемпионаты программæ æххæст кæнгæйæ ма цæуы, республикæйы Сæргълæууæджы призтæ рамбулыны Æппæтуæрæсеон турнир. Уыимæ æппæтуæрæсеон физкультурон турнир юниорты хсæн. Куыд фæнысан кодтой, афтæмæй ма, чемпионы ном райсынæй дарддæр 6 адæймаджы фæнд кæнынц спорты мастеры норматив сæххæст кæнын. Æппæт спортивон мадзæлттæ цæуынц Цæгат Ирыстоны бæхты-спортивон скъолайы. Чемпионат кадджын уавæры байгом кодтой знон. Уыимæ райдыдта ерысты фыццаг дисциплинæ. Спортсментæ сæхи фæлварынц манежы цыды. Абон та арæзт æрцæудзæн цæлхдуртимæ кросс. Чемпионаты фæстаг бон хуыздæрты сбæрæг кæндзысты конкуры. Нæ республикæйы иугонд командæ, йæ сæргъы Хъуысаты Алан, афтæмæй сæ разы сæвæрдтой стыр нысантæ, æмæ сæ сæххæст кæнынæй зæрдæ дарынц. Спортивон ерыстæй фæстæмæ ма республикæйы цæрджытæн æмæ уазджытæн бацæттæ кодтой культурон программæ дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania