Афтæмæй аирвæзын кодтой, 82 азы кæуыл цæуы, ахæм пациенты
Цæгат Ирыстоны фыццаг хатт скодтой тугдадзинты операци. Афтæмæй аирвæзын кодтой, 82 азы кæуыл цæуы, ахæм пациенты. Нырыккон технологиты фæрцы Гобозты Леонид цæрдзæн æнæ рыстытæй. Операци та схуыдтой нæ регионы тугдадзинты хирургийы æнтыстдзинадыл. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
82-аздзыд Гобозты Леонид ныр цæуы æнæ рыстæй йæ рахиз къахы. Уый у Цæгат Ирыстоны ротацион атерэктомийы фыццаг операцийы сæйраг хатдзæг. Пациент æрбахауд йæ уæраджы бын артерийы окклюзиимæ. Республикон клиникон рынчындоны дохтыртæ ссыгъдæг кодтой тугдадзин сæрмагонд бæрзондтехнологон кусæнгарзæй æмæ сног кодтой туджы цыд. Ныр, Леониды ныхæстæм гæсгæ, йæ къах хорз кусы, нæ уазал кæны æмæ нæ риссы.
Операцийæ 2 боны фæстæ Гобозты Леонид акъахдзæф кодта – уый у фæсоперацион реабилитацийы хай. Ам, хайады, дзæбæх кæнынц æрмæст медикаменттæй нæ, фæлæ ма аудындзинадæй дæр.
Ацы операцийы хицæндзинад у, къæхты тугхъуаг низæй ризгæйæ туджы цыд сног кæнынæн кæй спайда кодтой классикон нæ, фæлæ чысылинвазивон хуызæй. Тугдадзины уылты дохтыртæ бауагътой сæрмагонд чысыл лезви, цæмæй йæ ссыгъдæг кæной. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, ныридæгæн ис æндæр пациенттæ дæр.
Гобозты Леонид ма фæнд кæны ардæм ноджы дæр æрбацæуын. Пъланмæ гæсгæ, хъæуы базилын иннæ къахы тугдадзинтæм дæр.




