филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:12 вторник, 03 декабря 2024
29 июня 2023, 15:46
Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты арæзт æрцыд ирон нартиадæйы æртæтомон энциклопедийы презентаци

Ацы егъау чингуыты сæмбырд кодтой нарты кадджытæй бирæ азты иртæстыты хатдзæгтæ

Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты арæзт æрцыд ирон нартиадæйы æртæтомон энциклопедийы презентаци. Ацы егъау чингуыты сæмбырд кодтой нарты кадджытæй бирæ азты иртæстыты хатдзæгтæ. Энциклопедийы ис, æнус æмæ рдæгмæ уæрæсейаг æмæ фæсарæйнаг ахуыргæндтæ кæй æмбырд кодтой, уыцы фæллæйттæ. Уыдон та сты: сюжеттæ, циклтæ, хъайтартæ, фыстытæ æмæ публикацитæ. Энциклопеди саразынмæ, Цæгат Ирыстоны социалон æмæ гуманитарон иртæстыты институты ахуыргæндтæй дарддæр, се вæрæн бахастой хæстæг фæсарæнтæй наукон кусджытæ дæр. Проектыл куыст цыди 6 азæй фылдæр. Ныртæккæ уал ныммыхуыр кодтой 1000 экземпляры. Арвитдзысты сæ республикæйы библиотекæтæм æмæ наукон куыстуæттæм. Уымæй дарддæр фæзындзæн чингуыты дуканиты дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania