филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:22 вторник, 03 декабря 2024
12 декабря 2023, 12:15
Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты ацыд фембæлд «Фольклор нырыккон царды»

Мадзалы архайдтой фольклористтæ Цæгат æмæ Хуссар Ирыстонæй, Абхазæй, Мæскуыйæ æмæ Цæгат Кавказы Федералон зылды регионтæй

Æппæтадæмон фольклорон фестиваль «Арфæ»-йы фæлгæты Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты ацыд фембæлд «Фольклор нырыккон царды». Мадзалы архайдтой фольклористтæ Цæгат æмæ Хуссар Ирыстонæй, Абхазæй, Мæскуыйæ æмæ Цæгат Кавказы Федералон зылды регионтæй. Ныхас цыд алыхуызон фарстатыл. Уыдон – этникон бынты æмæ Уæрæсейы адæмты культурæйы хъахъхъæнынад, стæй Нарты кадджыты эпосы сæйраг мотивтæ. Уымæй уæлдай ма æппæтадæмон фестиваль «Арфæ»-йы фæлгæты абон адæмон сфæлдыстады хæдзары ацæудзæн гала – концерт. Архайдзысты дзы аивадон коллективтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania