филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:54 четверг, 21 ноября 2024
11 сентября 2024, 12:07
Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты байгом авторты скъола «Сахуыр кæн ахуыргонды»

Уый у Мæскуыйы æмæ Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты æддагон æмæ хъахъхъæнынадон политикæйы Советы  ног иумæйаг проект

Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты байгом авторты скъола «Сахуыр кæн ахуыргонды». Уый у Мæскуыйы æмæ Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты æддагон æмæ хъахъхъæнынадон политикæйы Советы  ног иумæйаг проект.  Дыууæ боны наукон-ахуырадон курсы фæлгæты  æрыгон историктæн, политологтæн æмæ журналисттæн ацæудзысты лекцитæ æмæ дæсныйадæвдисæг ахуыртæ, стæй фембæлдтытæ.  Скъолайы нысан у аналитикон фыссынад æмæ публицистон уацтæ фыссынмæ разæнгард кæнын. Уымæй уæлдай, Уæрæсейы субъектты æрыгон ахуыргæндтæ æмæ æхсæнадон активисттыкæрæдзийы наукон фæлтæрддзинадимæ зонгæ кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania