Балхæнæн дзы ис фæсарæйнаг, уырыссаг æмæ ирон аивадон литературæты уыцмыстæ, стæй зонадон рауагъдтæ Уæрæсейы æмæ Ирыстоны историйы æмæ дины, фольклоры, медицинæ æмæ экономикæйы тыххæй
Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты байгом чингуыты армукъа, Абайты Васойæн цыртдзæвæн байгом кæнынæн æххуысы тыххæй. Балхæнæн дзы ис фæсарæйнаг, уырыссаг æмæ ирон аивадон литературæты уыцмыстæ, стæй зонадон рауагъдтæ Уæрæсейы æмæ Ирыстоны историйы æмæ дины, фольклоры, медицинæ æмæ экономикæйы тыххæй. Къамисы уынаффæмæ гæсгæ скульптурæ æвæрд æрцæудзæн Коцойты Арсены номыл уынджы скверы, Федералон къазнайы Управленийы бæстыхайы размæ. Конкурсы хатдзæгтæм гæсгæ æвзæрст æрцыд Цхуырбаты Оледжы куыст. Цыртдзæвæны аргъ у 15 милуан соммæ хæстæг. Фæрæзтæ сæмбырд кæныны тыххæй фонд курдиат бахаста Хицауадмæ, æхсæнадон кусджытæм, ирон диаспорæтæм, амалхъом адæммæ, республикæйы æппæт цæрджытæм. Хæрзаудæн армукъа кусдзæн 30-æм ноябрьмæ.




