филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:29 суббота, 26 июля 2025
12 февраля 2025, 10:37
Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты байгом сты Гуыриаты Тамерланы номыл 8-æм кæстытæ

Мадзал баст у зындгонд ахуыргонд, æвзаг иртасæг æмæ æхсæнадон архайæг Гуыриаты Тамерланы номимæ

Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты байгом сты Гуыриаты Тамерланы номыл 8-æм кæстытæ. Мадзал баст у зындгонд ахуыргонд, æвзаг иртасæг æмæ æхсæнадон архайæг Гуыриаты Тамерланы номимæ. Уæрæсейы æмæ Цæгат Ирыстоны наукæйы сгуыхт архайæг разамынд лæвæрдта гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты ирон æвзагзонынады хайадæн. Стыр æвæрæн бахаста ирон филологийы æмæ йæ алы къабæзты рæзтмæ. Кæстытæ саразджыты хъуыдымæ гæсгæ, Гуыриаты Тамерланы зонадон фæллой кæронмæ иртæстгонд нæма æрцыд. Хъуыстгонд куыд у, афтæмæй сæ нымæц ахызт 900-йæ. Æвзагзонынадæй, литературæ иртасынæй æмæ фольклористикæйæ куыстыты тыххæй бæстон радзырдтой Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты, Цæгат Кавказы хæххон металлургон институты æмæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты, стæй Цæгат Кавказы республикæты наукон центры кусджытæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania