филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:51 вторник, 03 декабря 2024
14 февраля 2024, 11:07
Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты цæуынц Гуыриаты Тамерланы кæстытæ

Мадзалæй æрхъуыды кодтой зындгонд ахуыргонд-æвзагиртасæджы ном

Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты цæуынц Гуыриаты Тамерланы 7-æм æппæтадæмон кæстытæ. Мадзалæй æрхъуыды кодтой зындгонд ахуыргонд-æвзагиртасæджы ном. Цæгат Ирыстоны æмæ Уæрæсейы наукæйы сгуыхт архайæг ацы институты разамынд лæвæрдта ирон æвзагзонынады хайадæн. Гуыриаты Тамерланы наукон фæллой нырма кæронмæ иртæст не *рцыд. Зындгонд куыд у, афтæмæй йæ куыстытæ сты фараст сæдæйæ фылдæр. Наукон конференцийы сæ куыстытæ фольклористикæйæ, литературæ иртасынæй æмæ æвзагзонынадæй равдыстой Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты, Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты, стæй Португалийы æмæ Испанийы наукон центрты минæвæрттæ.   

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania