филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:51 воскресенье, 06 июля 2025
08 августа 2019, 12:15
Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты уыд фембæлд республикæйы наукон æхсæнады æмæ Уæрæсейы наукæты академийы архивы минæвæрттимæ

Архайдтой ма дзы хицауады сæрдары хæдивæг Годжысаты Тамерлан æмæ республикæйы Конституцион тæрхондоны сæрдар Къесаты Станислав.

Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты уыд фембæлд республикæйы наукон æхсæнады æмæ Уæрæсейы наукæты академийы архивы минæвæрттимæ. Архайдтой ма дзы хицауады сæрдары хæдивæг Годжысаты Тамерлан æмæ республикæйы Конституцион тæрхондоны сæрдар Къесаты Станислав.

Фембæлды сæйраг фарста уыд Евгения Пчелинайы фондыл бакусын. Абон кавказзонынады фонд ис Санкт-Петербурджы Уæрæсейы Наукæты Академийы филиалы архивы. Бирæ рæстæг æм йæ цæст ничи дардта. Ныр бæстæйы хицауад радих кодта фæрæзтæ, цæмæй сыл куыст æрцæуа, уый тыххæй. Ныхас цæуы, Евгения Пчелина ивгъуд æнусы 20-æм æмæ 30-æм азты археологон куыстыты рæстæг Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны цы къухфыстытæ æмæ къамтыл бакуыста, уыдоныл, стæй Фонды æрмæджытæ нымæцон хуызмæ ракæныныл. Куыд бамбарын кодтой, афтæмæй æнæ республикæйы æххуысæй архивы кусджытæн æппæт куыстытæ бакæнын нæ бантыст. Æрдзырдтой ма фондмæ бар дарыныл дæр. Афтæ Цæгат Ирыстоны фæнды, цæмæй Пчелинайы фонды кæцыдæр хай радтой гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты архивмæ. Фæлæ куыд сбæрæг, афтæмæй уымæн гæнæн нæй. Фæлæ се вæрæн бахæсдзысты фонды æрфыстмæ. Уыимæ ма уыцы куыст кæнынмæ хуынд æрцæудзысты Хуссар Ирыстоны ахуыргæндтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania