Уый тыххæй фехъусын кодтой республикæйы æнæнхъæлæджы цауты министрады.
Цæгат Ирыстоны хъæдты тæссаг у зынгсирвæзтытæй. Уый тыххæй фехъусын кодтой республикæйы æнæнхъæлæджы цауты министрады.
Сæ бæрæггæнæнтæм гæсгæ тæссаг уавæр ахæсдзæн 2-æм августмæ. Арæзт æрцыдысты радхæссæг къордтæ. Специалисттæ сидынц адæммæ, цæмæй уой къæрцхъус æмæ æххæст кæной æдасдзинады мадзæлттæ. Хъæды нæй æртытæ кæнын, хус кæрдæг судзын æмæ пиротехникæйæ пайда кæнын. Шофыртæ дæр хъуамæ уой къæрцхъус. Рудзынгæй æппæрст тамакойы зынгæй, гæнæн ис, æмæ фæндаджы былгæрон кæрдæг ссуддзæн æмæ апарахат уыдзæн хъæдыл. Уæрæсейы æнæнхъæлæджы цауты министрады цæгатирыстойнаг сæйраг управленийы куысджытæ зæрдыл лæууын кæнынц, зынджы уацары бахаугæйæ бадзурын хъæуы мæнæ ахæм телефоны номыртæм «01»- стационарон телефонæй, «101»- та мобилон хæтæлæй.




