15 августа 2024, 11:20
Цæгат Ирыстоны хъæды хæдзарады кусджытæ се вæрæн бахастой акци «Уæрæсæйы донмæ»
Æххæст æй кæнынц национ проект экологийы фæрцы. Знон камбилеевкæйы цæугæдоны былгæрæттæ бафснайдтой Горæтгæрон районы хъæды хæдзарады кусджытæ. Урсдоны былгæрæтты та зиу сараздзысты Дыгуры районы хъæдгæстæ. Дарддæр хъæппæрис ахæццæ кæндзысты Мæздæджы, Æрæфы æмæ Кировы районты хъæды хæдзарады кусджытæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм – Цæгат Ирыстон нымад у, акци Уæрæсейы доны хуыздæр архайджытæй иуыл. Ивгъуыд аз нæ республикæ кæронбæттæн рейтингы бацахста æртыккаг бынат. Мадзалы архайын у алы адæймаджы бон дæр. Уый тыххæй бацæут сайт «берегдобрыхдел.рф»-мæ æмæ сæххæст кæнут амынддзинæдтæ.
темæмæ гæсгæ




