филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:28 понедельник, 15 декабря 2025
24 мая 2025, 10:06
Цæгат Ирыстоны хæххон хъæутæй иуы цæрджытæ ныр æртыккаг аз сты тæссаг уавæрты

Уæллаг Садон иннæ районтимæ чи бæтты, уыцы фæндагыл, коммуналон куыстыты фæстæ, ацæуæн нал уыдис

Цæгат Ирыстоны хæххон хъæутæй иуы цæрджытæ ныр æртыккаг аз сты тæссаг уавæрты. Уæллаг Садон иннæ районтимæ чи бæтты, уыцы фæндагыл, коммуналон куыстыты фæстæ, ацæуæн нал уыдис. Лæбырдтыты аххосæй адæмæн æндæр гæнæн нæй, æмæ сæ хæдзæрттæм бацæуæнтæ ныссыгъдæг кæнынц сæхи хъарутæй. Уыимæ сæ зæрдæ дарынц, сæ фарстамæ сын кæй æркæсдзысты, ууыл. Хъуыддагмæ сæ цæст æрдардтой Адæмон фронты минæвæрттæ. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Ацы фæндаг Уæллаг Садоны цæрджыты раздæр дæр тыхсын кодта. Фæстаг 3 азы та сын сси æцæг фæлварæн. Алы фæзилæныл дæр цавæрдæр тæсдзинад. Серпантин фæндаджы цур ис цæугæдон æмæ зæхцъар хæры. Уæдæ къуылдымтæй дæр арæх æрцæуынц лæбырдтытæ. Ахæм æрдзон къæппæджы машинæты хицæуттæ бирæ хæттыты бахауынц. Уавæрыл цыма Уæллаг Садоны цæрджытæ сахуыр сты. Фæлæ

Дзитойты Ибрагим у Уæллаг Садоны цæрæг. Хъæуы бирæ хæдзæрттæ нæй – 15-ы бæрц, æдзух дзы чи цæры, уыдон та ноджы къаддæр. Сæ риссаг фарстатæ уал сæхæдæг лыг кæнынц. Цæмæй цæрæн арæзтадтæ сæдас кæной, уый тыххæй ламидæтты фæстиуджытæй фæндаг иу æмæ 2 хатты нæ сыгъдæг кодтой. Къæвда куы руары, уæд та саст бæлæстæй, къалиутæй æмæ чъизитæй хæдзæртты раз байдзаг вæййы. Ибрагим куыд загъта, афтæмæй районы разамындмæ сидтысты, фæлæ уавæр нæ ивы.

Ног хæтæлтæ хъæуы сæвæрдтой 3 азы размæ программæ «Сыгъдæг дон»-мæ гæсгæ. Фæлæ хæдзæрттæм дон нырма хæццæ кæны зæронд хæтæлтыл. Хъæппæрис хорз у, зæгъынц цæрджытæ, фæлæ йæ фæстæ риссаг фарстатæ æрмæст фæфылдæр сты. Дзитойты Зинаидæ Уæллаг Садоны цæры йæ райгуырдæй. Ам схъомыл, сси педагог, уыд Уæллаг Зджыды скъолайы директор. Цæимæ абара, уый ис. Куыд зæгъы, афтæмæй хъæуы цард æнцон никуы уыд. Фæлæ фæндæгты уавæр хъуыддаг уæззаудæр кæны, уæлдайдæр та зымæджы, бирæ мит куы æруары, кæнæ зæй куы рацæуы, уæд. Пенсиисæджы арæх фæхъæуы æрхизын Садонмæ, зæгъæм, дуканимæ дзулмæ. 80-аздзыд сылгоймагæн уый йæ къухы æфты, фæлæ зынтæй.

Адæмæн сæхи хъæуы кæсын æрмæст фæндæгты уавæрмæ нæ, фæлæ ма ног кæнын уынджы рухсыты цæджындзтæ дæр. Уыдон дæр хъыгдард баййæфтой донвæды арæзтады рæстæг. Разамынды æххуысыл цæрджытæ сæ зæрдæ нал дарынц, уымæ гæсгæ фæсидтысты Адæмон фронтмæ. Эксперттæ бынатмæ æрбацыдысты æмæ сбæлвырд кодтой уавæр.

Уæллаг Садонæй цæрджытæн сæ бон поселокмæ бахæццæ уæвын у æрмæст ацы фæндагыл. Нæ курынц асфальт сæвæрын кæнæ бындурон цалцæг скæнын, зæхцъар дæр фаг уыдзæн, сæйрагдæр у æдасдзинад. Уый тыххæй та фæндагмæ æдзух хъæуы цæст дарын æмæ йын лæггад кæнын.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania