Нæ бæстæйы фæлтæрдджын туристтæ регионтæм бакастысты æндæр цæстытæй
Фæстаг цалдæр мæйы цы вирус парахат кодта, уый аххосæй нæ бæстæйы мидтуризмы гæнæнтæ райдыдтой ивын. Зæгъдзыстæм уый дæр, æмæ Уæрæсейы фæллад уадзгæйæ Хицауадæй райсæн ис фæрæзтæ. Ныртæккæ нæ бæстæйы фæлтæрдджын туристтæ регионтæм бакастысты æндæр цæстытæй. Уымæн æмæ нæ горæтты истори æмæ зæрдылдарæн бынæттæ, фæсарæйнæгтæй дæлдæр нæ лæууынц. Уæдæ Цæгат Ирыстоны хæххон пейзажтæй дарддæр дисы бафтауæн ис æндæр хъуыддæгтæй дæр.
Инна Егорова куыд радзырдта, афтæмæй ацы бонты йæ фыртимæ хъуамæ ацыдаид Зæххастæуы денджызмæ. Фæлæ сын сæ нысантæм йæ фæндтæ бахаста пандемийæ. Афтæмæй Егоровты бинонты раз лæууыди дыууæ фарстайы: кæнæ Мæскуыйы баззайын, кæнæ та нæ бæстæйы цымыдисаг рæттæм абалц кæнын. Цæгат Ирыстоны рæсугъд бынæтты тыххæй фехъуыстой сæ зонгæтæй. Ныр сын фадат фæзынд нæ республикæ сæхи цæстытæй фенынæн.
Кæй зæгъын æй хъæуы, туристты дисы бафтыдтой Цæгат Ирыстоны кæмттæ. Фæлæ сын æнæнхъæлæджы уыд, нæ республикæйы сæйраг горæт ахæм рæсугъд æмæ зæрдæмæдзæугæ кæй у, уый.
Иннæ æмæ Тимур Дзæуджыхъæумæ ссæугæйæ, фыццаджыдæр ссардтой фæлтæрдджын гиды. Дриаты Еленæ йæ дæсныйад æмæ йæ уарзон горæт зæрдæйæ уарзы. Ам зоны алы уынджы равзæрды истори. Æмæ йæ хъуыдымæ гæсгæ, афтæ чи фæзæгъы, Ирыстоны хæхтæй дарддæр дисы ницæмæй бафтауæн ис, зæгъгæ, уый рæдийы.
Кæдæм фæнды куы акæсай, уым алы ран дæр фенæн ис историйы айзæлд. Афтæ фæзæгъынц нырыккон Дзæуджыхъæуы тыххæй. Бирæ бæстыхæйттыл цæуы сæдæгæй азтæй фылдæр. Зæгъæм, МадыМайрæмы Ирон аргъуаны тыххæй дзурæн ис сахатгай. Нудæсæм æнусы арæзт бæстыхай бирæ хъизæмæрттæ федта. Фæлæ ныр дæр у адæмы удтæ дзæбæхгæнæг. Сунниттаг мæзджыт дæр дисы фтауы йæ рæсугъддзинадæй æмæ егъаудзинадæй. Архитектруæйы цыртдзæвæн фæзынди ивгъуыд æнусы. Йæ размæ цы сквер ис, уый у нæ горæты цæрджыты уарзондæр фæлладуадзæн бынат. Ам ма кæлы, Лермонтов кæуыл фыста, уыцы Терчыдон. Хидыл ахизгæйæ та адæймаг рæсугъд æнкъарæнтæ райсдзæн, сæдæ азы кæуыл цæуы, уыцы культурæйы æмæ фæлладуадзæн парчы. Кæддæр Советон Цæдисы нымад уыд хуыздæртæй иуыл. Цалдæр метры фæстæ та райдайы Сабырдзинады проеспект – нæ горæты сæйраг уынг. Дисы фтауы йæ архитектурæйæ æмæ цыртдзæвæнтæй, райдай горæтмæ кæсæгæй æмæ Булгаковæй фæуы. Уæдæ Дзæуджыхъæуы алы уазæг дæр хицæнæй æрлæууы нæ национ хæринæгтыл.
Паддзахадон филармони, музейтæ, Намысы Мемориал … Цæгат Ирыстоны рæсугъддæр бынæттыл бирæ дзурæн ис. Фæлæ, куыд фæзæгъынц, бирæ хæттыты фехъусынæй, иу хатт фенын у хуыздæр.
