филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:27 суббота, 31 января 2026
10 марта 2022, 12:02
Цæгат Ирыстоны Хицауады æмбырд райдыдта, минут æдзæмæй алæууыны фæстæ

Афтæмæй æрымысыдысты, Украинæйы сæрмагонд æфсæдддон операцийы рæстæг чи фæмард, уыдоны рухс нæмттæ

Цæгат Ирыстоны Хицауады æмбырд райдыдта, минут æдзæмæй алæууыны фæстæ. Афтæмæй æрымысыдысты, Украинæйы сæрмагонд æфсæдддон операцийы рæстæг чи фæмард, уыдоны рухс нæмттæ. Сергей Меняйло тæфæрфæс ракодта æдзард хæстонты хæстæджытæн æмæ хиуæттæн. Регионы разамонæг куыд загъта, афтæмæй сæ бинонтæн бакæндзысты алывæрсыг æххуыс. Уымæй дарддæр сын радих кæндзысты, закъонмæ гæсгæ чи мбæлы, уыцы иухаттон æмæ фæдзæхстадон фиддонтæ. Регионы сæргълæууæджы уынаффæмæ гæсгæ, 49-æм æмæ 100-йæм бригадæтæ кæм æрбынæттон сты Цæгат Ирыстоны службæгæнджытимæ, уырдæм арвитдзысты гуманитарон æххуысимæ машинæ. Ноджыдæр ма иу машинæ, фæлæ арæзтадон æрмæгимæ арвитдзысты Донецкы æмæ Луганскы адæмон республикæты хæстон цауты хъыгдардбаййафджытæн.

Регионы разамонæг ма бафиппайдта, ахсджиаг кæй у сæйраг хойраджы продуктты æмæ æнæмæнг хъæугæ хосты æргътæм цæстдарын. Уый фæдыл ма республикæйы Хицауады арæзт æрцыд сæрмагонд æмбырд. Архайдтой дзы профилон структурæты æмæ базарады архайджытæ. Æргътæ куы рæзой æнæ бæлвырд аххосагæй, уæд ахæм цауты архайджытæ цæудзысты æфхæрд, загъта Сергей Меняйло. Уымæй дарддæр ма бабар кодта æхсæнадон транспорты æргътæм кæсын дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania