филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:23 вторник, 16 декабря 2025
05 августа 2024, 12:04
Цæгат Ирыстоны хицауады дзырдтой, республикæйы артаджы æмæ энергетикæйы къабаз, стæй цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады объекттæ зымæгмæ куыд цæттæ кæнынц, ууыл

Таматы Майран куыд фехъусын кодта афтæмæй нысангонд куыстытæн сæ æртын фондз проценты сæххæст кодтой

Цæгат Ирыстоны хицауады дзырдтой, республикæйы артаджы æмæ энергетикæйы къабаз, стæй цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады объекттæ зымæгмæ куыд цæттæ кæнынц, ууыл. Профилон министр Таматы Майран куыд фехъусын кодта афтæмæй нысангонд куыстытæн сæ æртын фондз проценты сæххæст кодтой. Æдæппæтæй хъæуы бацæттæ кæнын 168 хъармгæнæны. Ныртæккæ куыстытæ цæуынц социалон объектты. Дзанайты Барис бæрнон адæймæгтæн загъта, цæмæй æппæт мадзæлттæ афойнадыл æххæстгонд æрцæуой. Районты разамонджытæн загьд уыдис, 1-æм ноябрмæ æппæт объекттæн цæттæдзинады паспорттæ куыд скæной, уый. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министрад æмæ финансты министрадæн загъд уыдис, цæмæй цæст дарой, бюджеты куыстуæттæ коммуналон лæггæдтæн куыд фидынц, уымæ.  Цæрæнуæттæм паддзахадон цæстдарды службæ æмæ Уæрæсейы техникон цæстдарды кавказаг хайадæн бабар кодтой, цæмæй методикон уагæй муниципалитеттæн æххуыс кæной зымæгмæ цæттæ кæнынмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania