филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:48 суббота, 21 сентября 2024
13 декабря 2023, 11:36
Цæгат Ирыстоны хицауады хæдзары кад кодтой сфæлдыстадон конкурсы архайджытæн

Сæ нывтæ йæм æрбарвыстой республикæйы æппæт районтæй

«Сывæллæттæ коррупцийы ныхмæ». Цæгат Ирыстоны хицауады хæдзары кад кодтой ахæм сæргондимæ сфæлдыстадон конкурсы архайджытæн. Сæ нывтæ йæм æрбарвыстой республикæйы æппæт районтæй. Уæлахиздзауты равзарын хъуыди 150 куысты хсæн. Уыдонæй раиртæстой 9 лауреаты. Зæрдылдарæн призтæ лæппутæн æмæ чызджытæн кадджын уавæры радта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы æмæ Хицауады администрацийы разамонæг Гобеты Ибрагим. Зæрдылдарæн лæвæртты хсæн уыдысты смартфонтæ, планшеттæ, зондджын колонкæтæ æмæ ма дипломтæ. Уымæй дарддæр алы уæлахиздзауы ныв дæр саив кæндзæн, Дзæуджыхъæуы уынгты цы баннертæ уыдзæн, уыдон. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ ацы конкурс нæ республикæйы арæзт æрцыд цыппæрæм хатт.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania