18 июня 2025, 10:35
Цæгат Ирыстоны хицауады радон æмбырды боны фæткы уыд 20 фарстайæ фылдæр
Се ппæт дæр баст уыдысты цардархайды фарстатимæ, сæ иу – гидротехникон кусæнгæрзтæ
Цæгат Ирыстоны хицауады радон æмбырды боны фæткы уыд 20 фарстайæ фылдæр. Се ппæт дæр баст уыдысты цардархайды фарстатимæ. Сæ иу – гидротехникон кусæнгæрзтæ. Республикæйы сты 155. Премьер Дзанайты Барис фæсидт хицауады уæнгтæм, цæмæй сын æркæсой сæ уавæрмæ. Министртæ ма рахцыдысты ног уагæвæрды фарс. Баст у – ахуыргæнæндæттæн грантты æххуыс кæнынимæ. Дзанайты Барис куыд фехъусын кодта, афтæмæй фæстаг дыууæ азмæ субсидитæ радих кодтой 120 милуан сомæн. Хицауады æмбырды ма уæлдай æргом аздæхтой сæрдыгон дзæбæхгæнæн кампанимæ. Ацы аз аххæсдзæн 6 мины æмæ 500 сывæллоныл. Фæрæзтæ йын радих кæндзысты 10 милуан сомы.




