филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:44 воскресенье, 01 февраля 2026
16 мая 2024, 11:42
Цæгат Ирыстоны Хицауады сæрдар Дзанайты Барис фембæлд республикæйы цæрджытимæ

Бæстæйы президент Владимир Путины исæнуатмæ Дзæуджыхъæуы æрбацыдысты 10 адæймаджы

Цæгат Ирыстоны Хицауады сæрдар Дзанайты Барис фембæлд республикæйы цæрджытимæ. Бæстæйы президент Владимир Путины исæнуатмæ Дзæуджыхъæуы æрбацыдысты 10 адæймаджы. Уыд куыд сæрмагонд, афтæ районты социалон-æхсæнадон къабазы риссаг фарстатæ алыг кæныны фæдыл курдиæттæ дæр.  Се *хсæн – æхсæнадон территоритæ аив кæнын, фæндæгтæ цалцæг кæнын, медицинон лæггæдтæ исын. Цалдæр курдиаты баст уыдысты материалон æххуыс бакæнынимæ, адæм царды зын уавæрты кæй бахаудысты, уый тыххæй. Алы фарстамæ дæр æркастысты сæрмагондæй. Фембæлды архайдтой мунипалитетты сæргълæуджытæ æмæ профилон министртæ. Дзанайты Барис бæрнон кусджытæн радта бæлвырд хæслæвæрдтæ. Æппæт фарстаты фæдыл дæр хаст æрцæудзæн уынаффæтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania