филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:22 пятница, 22 ноября 2024
22 ноября 2024, 10:49
Цæгат Ирыстоны исынц аивадон киноныв «Монолог»

Дзурæг у, 21-æм æнусы дыккаг хайы хæххон хъæуы иунæгæй чи цæры, ахæм зæронд лæг Гаппойы цардвæндагыл

Студи «Коала» Цæгат Ирыстоны исы аивадон киноныв «Монолог». Дзурæг у, 21-æм æнусы дыккаг хайы хæххон хъæуы иунæгæй чи цæры, ахæм зæронд лæг Гаппойы цардвæндагыл. У раздæры астроном. Фæлæ йын куыст нал уыди, куыддæр аразгæ интеллект фæзынд, афтæ. Нæлгоймаджы цард цæхгæр аивта, цæугæдоны раз робот Гогкийыл куы фембæлд, уæд. Иумæ райдыдтой астрономон иртæстытæ кæнын. Съемкæтæ цæуынц Ирыстоны рæсугъддæр бынæтты: Дыгургомы, бæрзонд хæххон хъæутæ Москæ æмæ Къæмунтæйы. Сæйраг æмæ иунæг роль йæхиуыл сбарста ирон театры актер, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны адæмон артист Хъæцмæзты Лазарь. Кинолентæ ист цæуы культурон хъæппæристы Президентон Фонды æххуысæй

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania