04 июля 2024, 12:18
Цæгат Ирыстоны иугонд командæ фехтованийæ архайы 12-æм сæрдыгон спартакиадæйы, Орелы
Рапиристты турниры архайынц Цæллагты Евæ, Дзусты Вероникæ, Баситы Элинæ æмæ Бестауты Сабинæ
Цæгат Ирыстоны иугонд командæ фехтованийæ архайы 12-æм сæрдыгон спартакиадæйы, Орелы. Рапиристты турниры архайынц Цæллагты Евæ, Дзусты Вероникæ, Баситы Элинæ æмæ Бестауты Сабинæ. Знон уал спортсментæ ерыс кодтой сæхи хсæн, абон ацæудзысты командон фембæлдтытæ. Майрæмбоны та сæ арæхстдзинад бавзардзысты хицæн турниры. Спортсменты хсæн – Гæджиты Мария, Зæгъæгаты Аринæ, Жажиты Арсен æмæ Никита Дмитриев.
темæмæ гæсгæ




