Нæ командæйы ис 40 спортсмены. Сæ ппæт дæр сты иттæг хорз цæттæ. Чемпионат райдайдзæн 5-æм июлы.
Цæгат Ирыстоны иугонд командæ уæгъдибар хъæбысхæстæй абон араст уыдзæн Сочимæ Уæрæсейы чемпионатмæ. Нæ командæйы ис 40 спортсмены. Сæ ппæт дæр сты иттæг хорз цæттæ. Чемпионат райдайдзæн 5-æм июлы. Командæйы сæйраг тренер Гозымты Хетæг куыд зæгъы, афтæмæй сæ тренировкæтæ ацыдысты æмбæлгæ æмвæзадыл. Æрмæст бæрæг нæу, чемпионаты олимпаг чемпион Рæмонты Сослан архайдзæн, æви нæ, уый. Хъыгдард у йе нæниздзинад.
Сочийы чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй не спортсментæн у ацы азы сæйраг къæпхæн. Архайдзæн дзы 40 ирыстойнаг богалы. Иугонд командæйы хыгъды сты куыд фæлтæрдджын спортсментæ, афтæ æрыгæттæ дæр. Майдантыл тренерты штаб нысантæ не вæры. Уымæн æмæ дзы вæййы бæрзонд ерыс. Уæрæсейы чемпионат у дунеон ерыстæм æвзарæн мадзал. Уым та тох кæндзысты 2020-æм азы Олимпиадæмæ бахауыныл. Нæ командæйы ис бирæ тыхджын спортсмены, æмæ сыл тренертæ сæ зæрдæ дарынц.
86 килограммы онг категорийы нæ иугонд командæйы ис дыууæ тыхджын хъæбысæйхæцæджы Уалыты Владислав æмæ Найфонты Артур. Сæ тыхтæ бафæлвардзысты Кцойты Сослан, Бæйцаты Влдаислав æмæ Гæззаты Аслан дæр. Уый у Уæрæсейы чемпион. Фæлæ Сочийы чемпионаты, йе нæниздзинадмæ гæсгæ, олимпаг чемпион Рæмонты Сослан архайдзæн, æви нæ, уый нырмæ зын зæгъæн у.
Цæгат Ирыстоны иугонд командæ Сочимæ араст абон. Знон та не спортментæ райстой ног экипировкæ. Спортивон уæлæдарæс самал кæнын сын баххуыс кодта экологийы æмæ æрдзон æвæрæнты министр Мамиаты Чермен. Ратдзысты йын физкультурæйы æмæ спорты рæзтмæ æвæрæны тыххæй майдан, загъта профилон министрады разамонæг Гæбулты Владимир.
Нæ республикæйы иугонд командæйы тренер Гозымты Хетæг куыд загъта, афтæмæй цæттæгæнæн тренировкæтæ ацыдысты æмбæлгæ æмвæзадыл. Спортсментæ сты иттæг хорз цæттæ, æмæ ныр алцыдæр аразгæ у сæхицæй.
