06 апреля 2023, 11:03
Цæгат Ирыстоны йæ тыхы бацыд æппæтадæмон акци «Сад памяти»
Уый æххæст кæнгæйæ, Алагиры районы ныссагътой 2 мин сырх тулдз бæласы талайæ фылдæр
Цæгат Ирыстоны йæ тыхы бацыд æппæтадæмон акци «Сад памяти». Уый æххæст кæнгæйæ, Алагиры районы ныссагътой 2 мин сырх тулдз бæласы талайæ фылдæр. Акцийы архайдтой республикæйы экологийы æмæ æрдзон æвæрæнты министрады минæвæрттæ, волонтертæ, студенттæ æмæ скъоладзаутæ. Алы ног бæлас дæр зæрдыл лæууын кæндзæн, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты йæ цард Райгуырæн бæстæйæн чи снывонд кодта, уыдоны. Ацы аз республикæйы фæнд кæнынц тулдз, æнгуз, уисхъæд æмæ кæрз бæлæсты 34 мин талайы ныссадзын. Егъау проекты бацархайыны фадат ис алкæмæн дæр.
темæмæ гæсгæ




