филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:21 четверг, 25 апреля 2024
08 июня 2023, 11:51
Цæгат Ирыстоны йæ тыхы бацыд сывæллæтты сæрдыгон фæлладуадзæн кампани

Нæ республикæйы фæллойы æмæ социалон райзрæзты министры ныхæстæм гæсгæ æркастысты, сывæллæттæ сæ рæстæг пайдаимæ куыд æрвитой, уыцы фарстамæ

Цæгат Ирыстоны йæ тыхы бацыд сывæллæтты сæрдыгон фæлладуадзæн кампани. Нæ республикæйы фæллойы æмæ социалон райзрæзты министры ныхæстæм гæсгæ æркастысты, сывæллæттæ сæ рæстæг пайдаимæ куыд æрвитой, уыцы фарстамæ. Ныр сабитæ лагеры ахуыр кæндзысты дыууæ взаджы – ирон æмæ англисаг. Ацы аз фæнд кæнынц лагерьты 36 мин сывæллоны суазæг кæнын. Хъæзтытæ, ерыстæ æмæ лингвистон куыстытæ. Сывæллæтты фæлладуадзæн рæстæджы тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Тъехты Элинæ.

Хъазты хуызы психологимæ кусын сывæллæтты зæрдæмæ цæуы. Сæрдыгон дзæбæхгæнæн кампанийы фæлгæты лагеры куыст цæуы дзæбæхгæнæн центр «Феникс»-ы. Ацы сменæйы ис 30 сывæллоны онг бирæсывæллонджын æмæ æххуысхъуаг бинонтæй. Сæ бон райдайы дзæбæхгæнæн цайæ, массажæй æмæ афтæ дарддæр.

18 бонмæ сывæллæттæн скæндзысты бирæ дзæбæхгæнæн мадзæлттæ. Ис дзы, рæуджытæ дзæбæхгæнæн уат, физкультурæйы бынат, бассейн æмæ афтæ дарддæр. Боны дыккаг хай та сывæллæттæн арæзт уыдзысты алыхуызон экскурситæ.

Дзæбæхгæнæн центр «Хæххон уæлдæф» ацы аз сывæллæтты фыццаг хатт суазæг кодта 5-æм июны. Советон Цæдисы рæстæг хæххон уæлдæф нымад уыд æппæй сыгъдæгдæрыл. 3 мæймæ лагер суазæг кæндзæн 4 фæлтæры. Алкæцыйы дæр уыдзæн 50 сывæллоны. Уарынтæ хъыгдарынц, фæлæ куыддæр фæсабыр вæййынц, афтæм сывæллæттæ рацæуынц æддæммæ. Уæдæ хъæзтытæ æмæ ахуырадон куыстæй дарддæр сывæллæттæм æнхъæлмæ кæсы лингвистон сменæ дæр. Уый руаджы хуыздæр базонгæ уыдзысты мадæлон æвзагимæ, культурæимæ æмæ традицион хæринæгтимæ.

11-æм скъолайы ног бæстыхайы сарæзтой боныгон лагер. Фыццаг фæлтæр у кæстæр кълæсты ахуырдзаутæн. 3 къуырийы 150 сывæллоны улæфдзысты ацы ран. Сфæлдыстадон къабæзты хъомылгæнинæгтæ равдыстой, Александр Пушкины райгуырæн бон цы конкурс арæзт уыд, уым цы кады гæххæттытæ райстой, уыдон.  Уæдæ æвзонг экологтæ та зонгæ кæнынц цæрæгойтимæ. Ам алчидæр ссары йæ зæрдæйæн уарзон куыст.

Хъæзтытæ, ерыстæ, стæй лингвистон куыстытæ. Ам сывæллæттæ ахуыр кæнынц дыууæ взаджы – ирон æмæ англисаг.

Республикæйы сæрдыгон фæлладуадзæн лагертæ саразыныл куыснц 136 организацийы. Уыдонæй 127 сты скъолаты лагертæ. Сарæзтой профилон сменæтæ дæр. Уыдон  кусдзысты сывæллæтты райрæзтыл.

Скъоладзаутæн та нырма ис 3 фæлладуадзæн мæйы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania