01 марта 2023, 11:24
Цæгат Ирыстоны кæронмæ æрхæццæ дзыллон-хъахъхъæнынадон æмæ æфсæддон-патриотон куысты мæйон
Кадджын уавæры йæ сæхгæдтой афицерты хæдзары
Цæгат Ирыстоны кæронмæ æрхæццæ дзыллон-хъахъхъæнынадон æмæ æфсæддон-патриотон куысты мæйон. Кадджын уавæры йæ сæхгæдтой афицерты хæдзары. Мадзалы рæстæг æвзонг æвсæддонты рæнхъытæ фæпарахатдæр сты ног уæнгтæй. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, мæйон вæййы алы аз, Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты бæрæгбоны агъоммæ. Йæ фæлгæты сывæллæттæн арæзтой алыхуызон æфсæддон – патриотон мадзæлттæ æмæ спортивон ерыстæ. Скъолаты та ацыдысты тематикон уроктæ. Мадзал сарæзтой Дзæуджыхъæуы бынæттон администрацийы фæсивæды физкультурæйы æмæ спорты политикæйы комитеты минæвæрттæ.
темæмæ гæсгæ




