01 июля 2025, 10:47
Цæгат Ирыстоны кæронмæ æрхæццæ «Фермеры скъолайы» дыккаг рад
30 адæймаджы, уыдонимæ, куыд райдайгæ, афтæ фæлтæрдджын амалхъом адæм, райстой сæ сертификаттæ
Цæгат Ирыстоны кæронмæ æрхæццæ «Фермеры скъолайы» дыккаг рад. 30 адæймаджы, уыдонимæ, куыд райдайгæ, афтæ фæлтæрдджын амалхъом адæм, райстой сæ сертификаттæ. Ацы аз ахуырадон процесс уыди дыууæ къабазмæ гæсгæ. Уый, фермерон хæдзарады организаци æмæ хъæууонхæдзарадон продукци кусыны биотехнологон бындуртæ. «Фермеры скъолайы» фæлгæты йæ архайджытæ райстой æрмæст теоретикон нæ, фæлæ практикон зонындзинæдтæ дæр. Алы фермерæн дæр баххуыс кодтой, йæхицæн проект скæнын æмæ йæ бахъахъхъæнын. Ректор Гогаты Оледжы ныхæстæм гæсгæ, университет дарддæр дæр æххуыс кæндзæн йæ рауагъдонтæн.
темæмæ гæсгæ




