филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:26 вторник, 16 декабря 2025
29 марта 2022, 12:07
Цæгат Ирыстоны кæронмæ æрхæццæ фестиваль «Симпл фест»

Бырæттæ хицæнæй æмбырд кæныны экологон акци райдыдта фарон фæззæджы

Цæгат Ирыстоны кæронмæ æрхæццæ фестиваль «Симпл фест». Бырæттæ хицæнæй æмбырд кæныны экологон акци райдыдта фарон фæззæджы. Йæ саразыны хъæппæрис разынд бархионтæм. Алы сабаты дæр æмбырд кодтой, бакусын ма кæуыл ис, ахæм хæдзарон хауæддзæгтæ. Се хсæн гæххæт, пластик, батарейкæтæ. Уый фæстæ сæ æрвыстой заводмæ. Цы æхца сæ истой, уыдон та хардз кодтой  хæрзаудæн куыстыл. Акцийы фæлгæты ма арæзт цыдысты фембæлдтытæ скъолаты ахуырдзаутимæ. Мадзал аразджыты ныхæстæм гæсгæ сын бантыст бырæттæ æмбырд кæнынимæ баст  7 мадзалы скæнын.   Сæ алкæцыйы дæр бацархайдта 100 адæймагмæ хæстæг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania