Къуырийы дæргьы республикæйы цæрджытæ федтой Мæскуы, Санкт-Петербурджы, Хъазаны, Архангельскы, Омскы æмæ Макеевкæйы театры спектакльтæ
Цæгат Ирыстоны кæронмæ æрхæццæ фыццаг Æппæтуæрæсеон фестиваль «Вахтангов путь домой». Къуырийы дæргьы республикæйы цæрджытæ федтой Мæскуы, Санкт-Петербурджы, Хъазаны, Архангельскы, Омскы æмæ Макеевкæйы театры спектакльтæ. Знон та Тæбæхсæуты Балойы номыл ирон академион театр равдыста Кокайты Тотразы пьесæмæ гæсгæ æвæрд спектакль «Гæздæнтæ». Ацы бонты Вахтанговы хæдзары цыдысты лæвар лекцитæ. Уым дзырдтой зындгонд режиссер æмæ иннæ театралон архайджыты сфæлдыстадыл. Фестиваль абон сæхгæндзысты егъау концертæй. Йæ саразджыты ныхæстæм гæсгæ, цæудзæн æхсæз сахаты æмæ æрдæг. Æхсæрдæс сахатыл Сæрибары фæзы райдайдзæн стыр æмæ ирд равдыст. Архайдзысты дзы Уæрæсейы эстрадæйы артисттæ Сергей Лазарев æмæ Ольга Кормухинæ, Цæгат Ирыстоны сфæлдыстадон коллективтæ æмæ иннæтæ. Концерт амондзысты Уæрæсейы адæмон артисткæ Анна Шатилова æмæ Уæрæсейы сгуыхт артист Александр Олешко. Режиссæр у – Эльдар Трамов.
