филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:09 воскресенье, 14 декабря 2025
25 ноября 2019, 12:55
Цæгат Ирыстоны каштанты аллейæйыл ма бафтыд. Европæйы нымад у æппæтæй даргъдæрыл

Алагиры сæйраг уынджы ныссагътой 40 бæласы, æмæ афтæмæй аллейæ хаст æрцыд Гиннессы рекордты чиныгмæ.

Цæгат Ирыстоны каштанты аллейæйыл ма бафтыд. Европæйы нымад у æппæтæй даргъдæрыл. Алагиры сæйраг уынджы ныссагътой 40 бæласы, æмæ афтæмæй аллейæ хаст æрцыд Гиннессы рекордты чиныгмæ. Акцийы архайдтой Æппæтуæрæсеон адæмон фронты регионалон хайады минæвæрттæ, хъæды хæдзарады колледжы студенттæ, стæй горæты администрацийы кусджытæ. Бæлæстæ садзыны акцийæ сбæрæг кодтой «Хорз хъуыддæгты къуыри». Аллейæ фæдаргъдæр кодтой иу кæронæй. Хæстæгдæр рæстæг та йæ фæнд кæнынц уынджы райдианæй фæдаргъдæр кæнын. Ацы аллейæ сси Алагиры фидауц. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, каштанты аллейæ ам фæзынд 50 азы размæ. Уыцы мгъуыдмæ йæ бахъуыд цалдæр хатты сног кæнын. Афтæ фарон уынг рацарызæнæн æмæ аллейæ саив кæнынæн Алагирæн радих кодтой 7 милуан сомæй фылдæр. уыцы куыст сæ къухы бафтыд, программæ «Горæты æнцонвадат архайд» æххæст кæнгæйæ. 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania