Ерысты архайдтой 750 спортсмены нæ бæстæйы 50 регионæй. Цæгат Ирыстоны кад дзы хъахъхъæдтой 93 атлеты
Цæгат Ирыстоны иугонд командæ армрестлингæй æнтыстджынæй йæхи равдыста Уæрæсейы фыццаг бынат бацахсыны ерысты. Цыдысты 16-æмæй – 19-æм мартъийы онг, паддзахадон программæ «Физкультурæ æмæ спорты рæзт» æххæст кæнгæйæ. Ерысты архайдтой 750 спортсмены нæ бæстæйы 50 регионæй. Цæгат Ирыстоны кад дзы хъахъхъæдтой 93 атлеты. Хъайтмазты Дзерассæйæн ныхасы бар.
Хъæрджынты Эллæ у армрестлингæй Уæрæсейы фыццаг бынат бацахсыны ерысты уæлахиздзаутæй иу. 16-аздзыд юниоркæ спорты ис 5 азы. Эллæ тыхджындæр сси 60 килограммы онг уæзы категорийы.
Сæхи æнтыстджынæй равдыстой юниортæ дæр. 55 килограммы онг уæзы категорийы фыццаг сси Хæребаты Георгий. Лæппу ма сæххæст кодта спорты мастеры норматив дæр. Уæлахиздзауæн фыццаг раарфæ кодта йе *фсымæр. Георгий уый фæдыл æрбацыд ацы спортмæ 2 азы размæ.
Армрестлингæй Уæрæсейы фыццаг бынат бацахсыны ерыстæ уыдысты Орелы 16-æй 19-æм мартъимæ. Турнир арæзт æрцыд паддзахадон программæ «Физкультурæ æмæ спорты райрæзт»-мæ гæсгæ. Архайдта дзы 750 спортменæй фылдæр бæстæйы 50 регионæй. Цæгат Ирыстонæй дзы уыд 93 атлеты. Ерысты хатдзæгтæм гæсгæ республикæ 3 кары категорийы бацахста фыццаг иумæйаг командон бынæттæ. Рамбылдтой 35 алыхуызон майданы.
Ацы аз уæрæсейаг спортсменты официалон æгъдауæй бауагътой æппæтадæмон ерыстæм. Ныртæккæ фæсивæд райдыдтой цæттæ кæнын дунейы чемпионатмæ. Уыдзæн сентябры Болгарийы.




